Ахæм хабæрттæ// 2021/ 3 декабря

24 Просмотры
Издатель
Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайæ зынгсирвæзты тыххæй æдас ранмæ ракодтой 500 адæймагæй фылдæр. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта æппæт ахуырадон уагдæттæ басгарын æмæ сбæлвырд кæнын, зынгсирвæзты ныхмæ арæзт домæнтæн дзуапп дæттынц, æви нæ, уый.

Фидæны аз ахуыргæнджыты мыздыл бафтдзæн. Æдæппæтæй ацы хъуыддагæн рахай кæндзысты 329 милуаны æмæ 800 мин сомы. Цæуыл ма ныхас кодтой хицауады æмбырды, уый радзурдзыстæм.

Дзæуджыхъæу цæттæ кæны 2022 азыл рæсугъдæй сæмбæлынмæ. Заз бæлæстæй уал иу æрбынат кодта Ленины номыл фæзы. Уæдæ зымæгон ирд фæлгонцтæ æмæ нывтæ фæзынд горæты иннæ уынгты дæр.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Категория
Онкодерматология
Комментариев нет.